«Тохмæ, тохмæ, Германы хæстмæ!»
Райгуырæн зæхх сидт йæ хъæбултæм.
Уæд Гæздæнты авд æфсымæры
Хастой цардæн кад.
Мад: «О, мæ хъæбултæ! О, мæ авд хуры!
Мады зæрдæ уæ судзгæ агуры.
Иу уæ нал æрцыд тохы быдырæй,
Нал дæр уæнгцухæй,
Нал дæр сау куырмæй...
Иу уæ нал загъта:
«О, мæ ныййарæг!»
Нал æрыздæхтис
Авдæй иу дарæг...»
«Тохмæ, тохмæ, Германы хæстмæ!»
Райгуырæн зæхх сидт йæ хъæбултæм.
Уæд Гæздæнты авд æфсымæры
Хастой цардæн кад.